Æнæниздзинадæн тæссаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Алагиры цæрджытæ та хъаст кæнынц. Æртæ боны дæргъы сæм дон кæлы змис хæццæ. ацы бонты фæсыгъдæгдæр, фæлæ йæ уæддæр нырма нуазæн нæй. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй донимæ къуылымпыдзинæдтæ фыццаг хатт не`ййафынц. Уыцы фарста ныр цалдæр азы у æркæсинаг. Бæлвырддæр не`сфæлдыстадон къорд. Сау-сауид уымæй уæлдай ма змисимæ. Ахæм дон Алагиры цæрджыты кърæнтæй калд æртæ боны. Нæ дзы нуазгæ бакодтаис, нæ хи ныхсадтаис, нæ гæрзтæ. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц афтæмæй сæ дон бахъæуы дуаканийы æлхæнын, кæнæ та хæххон суадæдтæй ласын. Доныхæдзары кусджытæ фарста алыг кодтой фæлæ кæронмæ нæ. Дон нырма нуазынмæ нæ бæззы. Уымæй уæлдай ма доны æлхъывдад дыууæ хатты фæкъаддæр. Районы администрацийы нын куыд бамбарын кодтой афтæмæй уавæр сывзæрд уымæн æмæ Дæллаг Бирæгъызæнджы цыд цалцæгггæнæн куыстытæ. Хъæуы доны хæтæлтæ Алагиры сæйрагдæр доны хæтæлимæ иу кодтой. Уый æнæмæнг бакæнын хъуыд. Фæлæ куыд рабæрæг афтæмæй Бирæгъызæнджы хæтæлтæ рагæй заууатмæ æрцыдысты. Сты ивинаг. Дудиаты Барис нын куыд бамбарын кодта афтæмæй зымæджы районы дон нæ фæфаг кæны. Уазæлттæ куы ралæууынц уæд хæтæлтæ дондзæуæнтæй дон æвзæр фæцъирынц. Дыккаг донцъирæн саразынæн районы æхцайы фæрæзтæ нæй. Хæтæлтæ сæ бахъæуы хæйттæй ивын. Сæ фылдæр заууатмæ æрцыдысты. Зæгъæм мæнæ куыд Бирæгъызæнджы. Фæлæ дон кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй адæм рагæй хъаст кæнынц. Фарон хъæуы баивдтой 700 метры доны хæтæлтæ. Ацы аз та Хетæгкаты Къостайы номыл уынджы бивдтой 2 километры. Цалцæггæнæн куыстытæ мæй цыдысты. Цалдæр боны размæ кæронмæ æрхæццæ сты. Сæ бæрæггæнтæ хуыздæры `рдæм фæзындысты. Алагиры районы администрацийы сæ ныфс дарынц фидæны аз хæтæлтæ иууылдæр ногæй кæй баивдзысты, уый. Кæд уый фæстæ адæм сыгъдæг æмæ нуазынæн бæзгæ дон фениккой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнæниздзинадæн тæссаг

Категория:

Новости и СМИ