Cценæйы дæсны
Абон 85 азы сæххæст уыдаид Ирон театры курдиатджындæр дæснытæй иу, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Беккуызарты Орзетæйы райгуырды боныл. Садойнаг чызгæн бантыст аивæдты бæрзæндтæ басæттын æмæ дзы ирд фæд ныууадзын. Щукины номыл театралон училищæ каст фæуыны фæстæ æнæзæрдæхудт лæггад фæкодта ирон сценæйæн. Стыр куыст кодта фæсивæдимæ, амыдта сын актеры дæсныйады сусæгдзинæдтæ. 15 спектаклæн йæхæдæг уыдис режиссер. Культурæйы цы æвидийгæ куыст бакодта, уый тыххæй Беккуызарты Орзетæйы схорзæхджын кодтой бирæ хæрзиуджытæ æмæ кады гæххæттытæй. Йæ цардæмбал уыдис Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къола. Беккуызарон цалдæр ролы ахъазыд кинонывты дæр. Фæлæ йæ зæрдæйыл хуыдæй баззад ирон театры сценæ. Снывæзта дзы 200 ролæй фылдæр. Адæм ын йæ курдиаты тых æххæстæй банкъардтой спектакль «Мады фарн»-ы. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон дæр уырдыгæй сты. Хæстмæ йæ хъæбулты чи афæндараст кодта æмæ сæ цæрдудæй чи нал федта, уыцы Мады фæлгонц Беккуызарты Орзетæйы хуызæн ничи равдыста. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Cценæйы дæсны
Категория:
Новости и СМИ