Хуссар Ирыстоны райдыдтой Громæй Цъинагармæ фæндаг аразын
Хуссар Ирыстоны Гром æмæ ма йæм хæстæг хъæуты цæрджытæ тыхстысты, фæндаг сæм кæй нæ уыд, уымæй. Ныр хъуамæ ацы уавæр фæрогдæр уа. Цъинагар æмæ Громы `хсæн фæндагыл райдыдтой цалцæджы куыстытæ. Аразджытæ сæхиуыл нæ ауæрдынц. Хуссар Ирыстоны Гром æмæ ма йæм хæстæг хъæуты цæрджытæ тыхстысты, фæндаг сæм кæй нæ уыд, уымæй. Ныр хъуамæ ацы уавæр фæрогдæр уа. Цъинагар æмæ Громы `хсæн фæндагыл райдыдтой цалцæджы куыстытæ. Аразджытæ сæхиуыл нæ ауæрдынц. Кæд æмæ цавæр уыдзæн ног джиппы уагъд фæндаг, уый ныртæккæ базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Спайда дзы кодтам Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы ист кадртæй. Громæй Цъинагармæ фæндаджы арæзтад райдыдта 2019-æм азы инвестицион программæйы фæлгæты. Æдæппæтæй йæ дæрддзæг у 15 километры. Адих сæ кодтой цалдæр хайыл. Фæндагмæ базилыны хæс бабар кодтой паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-æн. 3 километры та дзы радтой Ленингоры цæрæн-коммуналон хæдзарадæн. Уыдон æххæстæй дæр пайда кæнынц сæхи техникæйæ. Арæзтадмæ бæрнонæй йæ хъус дары Ленингоры районы цæрæн-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Хуыгаты Василий. Куыд зæгъы, афтæмæй ницæмæй тыхсынц. Архайынц, цæмæй сæ куыст кæронмæ ахæццæ кæной афоныл æмæ фæндаджы хæрзхъæддзинадмæ фау мачи `рхæсса. Уæлдай тынгдæр цалцæггæнджытæ се `ргом `здахынц фæндаджы нарæгдæр бынæттæм. Сæ зæрды сæ ис 2 метры онг фæфæтæндæр кæнын. Уый сахаддзæн фæндагыл цæуджыты æдасдзинадыл. Арæзтадон æрмæджытæ сæм фаг ис. Зæгъæм, хуыр ласынц, хæстæг сæм цы гуырæнтæ ис, уырдыгæй. Фæндаджы ахадындзинад адæмæн ахсджиаг у. Цъинагармæ Громыл тагъддæр бахæццæ уæвæн ис. Стырæй-чысылæй æнхъæлмæ кæсынц, сæ уавæр кæд фæрогдæр уыдзæн, уымæ. Цалцæгимæ ма ивынц æрдзон донуадзæн хæтæлтæ дæр. Куыстытæ кæронмæ куы ахæццæ уой, уæд фæндаг хъуамæ дзуапп дæтта тæккæ нырыккондæр домæнтæн. Адæмы та нал хъæудзæн рыг æмæ цъыфдзæстытыл хизын. Уæдæ зынгæ фæцыбырдæр уыдзæн сæ балцы рæстæг дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны райдыдтой Громæй Цъинагармæ фæндаг аразын
Категория:
Новости и СМИ