Хицауады æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

2018-æм 2020-æм азты паддзахадон программæмæ гæсгæ фидæны разамонджытæ цæттæ кæнынæн радих кæндзысты 19 милуан сомæй фылдæр. Уый тыххæй закъоны проект арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ. Абон та йæм æркастысты хицауады радон æмбырды. Закъоны проектмæ гæсгæ цæттæгонд цæудзысты æххæстгæнæг æмæ бынæттон оргæнты разамындмæ æрыгон кусджытæ. Министртæ ма æрдзырдтой, сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады тыххæй Уæрæсейы президенты майы уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дæр. Курдиатджын сывæллæтты рабæрæг æмæ сын баххуыс кæныны тыххæй республикæйы арæзт æрцæудзæн регионалон ресурсон центр - фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ. Цалдæр паддзахадон ахуыргæнæндоны куыст фæхуыздæр кæныны тыххæй сæ баиу кæндзысты. Зæгъæм, сывæллæтты техникон сфæлдыстады хæдзар, сывæллæтты экологон-биологон æмæ сывæллæтты техникон сфæлдыстады республикон центртæ. Сывæллæтты æмæ æвзонг фæсивæды сфæлдыстады рæзты центр «Заря» та суыдзæн сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хайад. Сывæллæтты хæдзæрттæ «Виктория» æмæ «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæ зынгæ кæй ф æкъаддæр сты, уымæ гæсгæ сæ баиу кæндзысты. Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, æнæ ацы азы рауагъдонтæй дыууæ уагдоны цæрæг сывæллæттæ 44 йеддæмæ не сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хицауады æмбырд

Категория:

Новости и СМИ