Сывæллæтты театр «Саби» хæстæгдæгдæр рæстæг бындуронæй рацараздзысты
Сывæллæтты театр «Саби» хæстæгдæгдæр рæстæг бындуронæй рацараздзысты. 80 азæй фылдæр театр капиталонæй цалцæггонд нæ уыд. Фæлæ ныр, национ проект «Культура»-йы 'руаджы федералон бюджетæй театрæн рахай кодтой 32 милуаны. Бæстыхай хъуамæ арæзт æрцæуа ног домæнтæм гæсгæ. Уымæй уæлдай, театр мидæгæй дæр цалцæггонд æрцæудзæн. Сног кæндзысты электронтыхдæттæг телтæ æмæ пъадвал. Цалцæггæнинаг куыстыты рæстæг театр архайдзæн аивæдты галуан «Металлург»-ы. «Саби» у нæ республикæйы зæронддæр театрæй иу. Ис ын хъæздыг æмæ цымыдисаг истори. Йæ культурон æмæ архитектурон ахадындзинад дæр стыр у. Фыццаг хатт театр аивадуарзджытæн йæ дуæрттæ байгом кодта 25 июны, 1940 азы. Уæд дзы архайдтой Уырыссаг драмон театры артисттæ æмæ хихъæппæрисадон къордтæ. Ныридæгæн театр вæййы гастролты Уæрæсе æмæ ма бирæ æндæр бынæтты дæр. «Саби»-йы артисттæ цæттæ кæнынц сæрмагонд хæрзаудæн акцитæ æмæ мадзæлттæ. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ национ проект «Культурæ» арæзт у 3 дæлхайæ. Уыдон: аивад, сфæлдыстад æмæ «Цифровая культура» кæй хонынц, уый. Æдæппæтæй ацы программæйæн Уæрæсейы бюджетæй 2019-2024 азмæ рахай кодтой 113, 5 млрд сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сывæллæтты театр «Саби» хæстæгдæгдæр рæстæг бындуронæй рацараздзысты
Категория:
Новости и СМИ