Запорожьейы облæсты Черниговы районы инфраструктурæ сног кæныны ахсджиагдæр фарстатыл ныхас
Запорожьейы облæсты Черниговы районы инфраструктурæ сног кæныны ахсджиагдæр фарстатыл ныхас
Запорожьейы облæсты Черниговы районы инфраструктурæ сног кæныны ахсджиагдæр фарстатыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг хицауады уæнгты зæрдыл æрлæууын кодта, муниципалитеты разамындимæ раздæр бардзыр кæй бфыстой, уый. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ бакуыстой Чырниговы районæн æххуысы æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объекттæ сног кæныны фæдыл мадзæлтты пъланыл. Йæ фæлгæты базилдзысты автомобилон фæндæгтæм, ахуырадон куыстуæттæм. Цæгат Ирыстоны бæрны ис район фæззыггон-зымæгон рæстæгмæ бацæттæ кæнын. "Уæлдай æргом аздахын хъæуы регион йæхимæ цы бартæ райста, уыдонмæ. Запорожьейы облæсты цæрджытæ сæхиуыл бамбæрстой хæстон уавæрты уаргъ. Разæй æнхъæлмæ кæсы бирæ куыст, ныртæккæ архайд цæуы, фæлæ уый фаг нæу. Нæ ахастæй хъуамæ адæм бамбарой иунæг кæй не сты, уый. Куыстытæ баххæст кæнын хъæуы бюджеты гæнæнтæм гæсгæ"-, загъта Сергей Меняйло. Уымæй уæлдай ма æмбырды архайджытæ сразы сты республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисимæ - цæрджытæм фæсидын, цæмæй цы районы бæрны бацыдыстæм, уый библиотекæтæн æмæ скъолатæн сфæлдыстадон литературæ сæмбырд кæнын.