Къазнайады ног разамонæг
Федералон къазнайады цæгатирыстойнаг хайады кусджытæн абон бацамыдтой сæ ног разамонæджы. Бæрнон бынаты сфидар кодтой 34-аздзыд Дзгойты Тимуры. Уый раздæр куыста къазнайады разамонæджы хæдивæгæй. Ацы къабазы кусы 10 азы, ис æм Уæрæсейы къазнайады центрон аппараты кусыны фæлтæрддзинад. Республикæйы къазнайады раздæры хицау Айларты Галинæ та сси Уæрæсейы къазнайады ифтонгдзинады центр. Абон ын кадджын уавæры «йе `нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй» бузныг зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы федералон къазнайады разамонæджы хæдивæг Эли Исаев. Абон ма хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодтой арфæйы фыстæджытæ æмæ грамотæтæй. Айларты Галинæйæн та радтой паддзахадон хæрзиуæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къазнайады ног разамонæг
Категория:
Новости и СМИ