Кæрæдзийы æмбаргæйæ
Абон Дзæуджыхъæуы райдыдта, нациты `хсæн ахастдзинæдтæм кæм æркастысты, ахæм семинар. Уый тыххæй Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Дагестан, Мæхъæл æмæ Цæцæны республикæты минæвæрттæ, семæ - диаспорæты разамонджытæ дæр, афтæмæй. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй семинары архайджытæ се `ргом фылдæр хъуамæ аздæхтаиккой нырыккон Уæрæсейы политикон хъуыддæгты мидис. Уыдоны фæлгæты та ма – паддзахады национ политикæйы хуызтæ æмæ нациты `хсæн быцæутæ æрмынæг кæнынмæ. Семинар аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм ахуыртæ хорз ахъаз фæуыдзысты адæмы мидварн хуыздæр базонынæн. Семинар цæудзæн 2 боны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кæрæдзийы æмбаргæйæ
Категория:
Новости и СМИ