Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ фембæлдысты ЦИПУ-йы студенттимæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæн радзырдтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты хъæбытырдзинады тыххæй. Бархионты батальонтæ «Алания» æмæ «Шторм Осетия»-йы æфсæддонтæ радзырдтой не 'мзæххонтæ сæхи куыд хъазуатонæй æвдисынц тохы быдыры, уый. Сæ ныхас рауад æргом æмæ мидисджын. Студенттæ базыдтой цавæр зындзинæдтимæ æмбæлынц æфсæддонтæ, бæстæйы æмæ дунейы уавæр куыд у, салдæттæн гуманитарон æххуыс æрвитыны фарстаты тыххæй. Университеты разамынд фæнд кæны ахæм фембæлдтытæ афæдзы дæргъы 50-мæ ввахс скæнын. Сæ сæйраг нысан у - фæсивæды патриотон хъомылад.