Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей байгом Ново-Осетинская станицæйы

Ацы хæдзар музейы хуызæн нæу. Нæ дзы фендзынæ информацион стендтæ, фыссæджы портреттæ. Фæлæ дзы алы экпонат дæр йемæ баст у. Кæд æрвылбон фыссæг цы дзауматæй пайда кодта, уыдонæй сæ ахджиагдæртæ нал сты, уæддæр сæ цæмæй баивой, ахæмтæ ссардтой. Рагон дзаумæттæ сæмбырд кодтой Мусхъæуы ныртæккæ Ново - Осетинская кæй кæй хонынц, уый цæрджытæ. Гуырдзыбеты Блашка фыццаг ирон фыссæг, кæцы фыста æрмæст дыгурон диалектыл. Æппынæдзух уыд хуымæтæг адæмы фарсмæ. Хъахъхъæдта æмæ сын сæ бартыл тох кодта. Йæ Фыдыбæстæ уарзта æгæронæй. 1904 азы барвæндонæй ацыд уырыссаг-япойнаг хæстмæ. Уым хъазуатонæй фæмард. Йæ хæдзар ирон адæмы хæзнатæй иу у, уымæ гæсгæ йæ æнæмæнг хъуыд бахъахъхъæнын. Рацаразджытæ егъау куыст бакодтой. Хæдзары ног хæйттæ афтæ скодтой æмæ раздæры хæйттæй нæ хицæн кæнынц. Хæдзары дыууæ дуары бахъахъхъæнын бантыст. Уыдонмæ гæсгæ сарæзтой иннæ тæ дæр. Алы лыстæгдзинадмæ дæр бæстонæй кастысты. Ууыл куыстытæ нæ фесты. Ам ма фæзындзæн дыргъдон дæр. Фыссæджы радзырдтæ арæх дыргъбæлæстимæ баст уыдысты. Хæдзары экспозици дæр парахат кæны. Цæгат Ирыстоны национ музейы ныридæггæн экспонаттæ цæттæ кæнынц. Хæстæгдæр рæстæг дзы скъоладзаутæн райдайдзысты экскурститæ кæнын. Гуырдзыбеты Блашка Ирыстоны историйы ирд фæд ныууагъта. Йæ ном æмæ йын кад йæ райгуырæн станицæйы цæрджытæ æнустæм хъахъхъæндзысты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
16 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии