Аивады дæсныйы номарынæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

245 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

245 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

245 просмотров

9 лет назад

Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы ссардтой Уарзиаты Хаджысмелы ном. Зындгонд хореографы ингæныл кадджын уавæры сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзæлтты архайдтой ансамбль «Аланы» артисттæ. Уымæй уæлдай, ма адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ æмæ, паддзахадон ансамблы бæрны цы сывæллæтты студи ис, уый ахуырдзаутæ. Диссаджы хореограф, кафæг, Ирыстоны фыццаг профессионалон балетмейстер, Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист. Хаджысмелы номимæ баст сты «Аланы» историйы ирддæр цаутæ. Ансамблы рæзтмæ бахаста стыр æвæрæн, сног ын кодта йæ кæфтыты программæ, уæдæ йын йæ ном «Алан» дæр уый хъæппæрисæй радтой. Уарзиайы-фырт хорз зонгæ уыд адæмон кæфтыты лыстæг хъуыддæгтимæ, зыдта сын сæ истори дæр, уымæн æмæ йæ хъус дардта профессионалон коллективты дæсныдзинадмæ. Йæ фæрцы нæ республикæйы зындгонд кафджыты къордтæ «Горец», «Кафт» æмæ «Арт» æнтысджынæй бакъахдзæф кодтой аивадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Аивады дæсныйы номарынæн

Категория:

Новости и СМИ