Хъæуы бафæразын
Дзæуджыхъæуы администрацийы разамынд куыд хъусын кæны, афтæмæй райсом, 27-æм июнæй 1-æм октябрмæ æхгæд æрцæудзæн Къостайы номыл проспекты иу хай. Ныхас цæуы Мамсыраты Хаджумары номыл уынгæй Пашковскийы номыл уынгмæ. Горæты администраци фæнд кæны ацы уаддзагыл бындурон цалцæджы куыстытæ райдайын. Дзæуджыхъæуы разамынды пресс-службæйы ныхæстыл æнцайгæйæ фæбæрæг кæндзыстæм уый, æмæ фæндаг æхгæндзысты хайгай. Кæцы гæбæзтæ æмæ кæцы бонты, уый тыххæй администрацийы зæрдæ `вæрынц рагацау хъусын кæнынæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæуы бафæразын
Категория:
Новости и СМИ