Цæгат Ирыстоны дæнцæгæн хæссинаг сылгоймæгтæ
Сылгоймæгты æппæтадæмон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны. Уалдзæджы рæсугъддæр бæрæгбæттæй иуыл республикæйы цæрджытæ сæмбæлдысты бæстонæй. Дзæуджыхъæуы, районты æмæ горæтты дæр дидинджытæй къух бакæнæн нæ уыд. Амæй-ай рæсугъддæр арфæтæ æмæ лæвæрттæй хорзæхджын кодтой сылгоймæгты. Калоты Тамарæ у ирон æвзаджы ахуыргæнæг. Йæ хъомылгæнинæгтæн та у дыккаг мады хуызæн. Сывæллæттæ уый æнкъарынц æмæ йæм сæхи фæласынц. Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт ахуыргæнæг Калоты Тамарæ 64 азы кусы скъолайы, сывæллæтты ахуыр кæны мадæлон æвзагыл, уымæй уæлдай ма уæздандзинад æмæ æфсармдзинадыл дæр. Йæ рауагъдонтæ ныртæккæ кусынц республикæйы æппæт къабæзты дæр. Бирæтæ сын бантыст. Тамарæ йæ скъоладзаутæн амоны бæстон æмæ лæмбынæг. Йæ къласмæ бахизгæйæ, фенæн ис алыхуызон рагон дзауматæ. Уыдоны æххуысæй æмбарын кæны зындæр æрмæг. Тамарæ куыд зæгъы, афтæмæй сывæллон цæстæй цы фена, уый хуыздæр бахъуыды кæны. Адæймаг йæ куыст куы уарза, уæд ын ницавæр цæлхдуртæ сывæрæн ис йæ размæ. «Хуыцауысконд адæймæгтæ», фæзæгъынц Тамарæйы хуызæттæй. Ахуыргæнæджы амынддзинæдты фæрцы адæймаг царды рацæуы размæ. Йæ ахуырдзаутæй æппæты тынгдæр сæрыстыр у йæ лæппу - инæлар-лейтенант Калоты Хасанæй. Уый бирæ азты дæргъы службæ кæны нæ бæстæйы гæрзифтонг тыхты. Йæ царды фылдæр азты дæргъы лæггад кæны адæмæн. Æмæ никуы фæфæсмон кодта. Тыджыты Ингæ та цы дæсныйад равзæрста, уыцы фæндагыл æнтыстджынæй цæуы абоны онг. Алцыдæр бавзæрста йæ царды фæндагыл. Уый никуы загъта зын мын у, зæгъгæ. Уымæй уæлдай ма, йæхиуыл куыста, архайдта æмæ абон сæрыстыр у йæ куыстæй. Хъæд хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæг Тыджыты Ингæ, сылгоймаг уæвгæйæ, йæхимæ райста стыр бæрнондзинад - хъæд хъæхъхъæнын æмæ йæ æнтыстджынæй æххæст кæнын. Тыджыты Ингæ алцыдæр аразы, цæмæй адæмæн фадат уа æрдзы хъæбысы баулæфынæн. Уæдæ зынгсирвæзтытæ цæмæй ма рцæуа, уый тыххæй дæр архайы. Тыджыты Ингæ каст фæцис Цхинвалы æхсæзæм скъола, уый фæстæ йæ ахуырад адарддæр кодта Мæскуыйы хъæды хæдзарады университеты, уый фæстæ та Дзæуджыхъæуы хъæххон аграрон университеты. Ам 10 азы куыста ахуыргæнæгæй хъæд хъахъхъæныны кафедрæйы. Абон та кусы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрады, хъæд хъахъхъæнынады хайады сæргълæууæгæй. Æрыгон специалист фæнд кодта, цæмæй Цæгат Ирыстоны хъæдгæсы куыст райрæза. Стыр зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад ын æххуыс уыдысты йæ ног куысты. Рæвдз кæй архæйда, уый тыххæй дæр æй йе мкусджытæ бауарзтой. Æмæ, æцæгæйдæр, у фæлмæн уды хицау, æцæг патриот æмæ фæлтæрдджын сылгоймаг. Йæ алыварс цы адæм ис, уыдоны дæр разæнгард кæны сæ дæсныйадæн аргъ кæнынмæ æмæ æрдз уарзынмæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны. Ацы дæсныйад равзарынмæ йын йæ фыдыфыд фацис ахъаз. Уымæ уыдис хъæдæрмæгæй кусынæн йæхи сæрмагонд æрмадз. Агънаты Земфирæ райгуырд Фарны хъæуы, ацы скъолайы каст фæцис 10 къласы. Скъолайы ахуыргæнгæйæ дæр æвæрдта цыбыр театралон равдыстытæ. Театры кусыны фæнд дæр æм уæд фæзынд. Ахуыры фæстæ 1973 азы кусын райдыдта Фарны хъæуы культурæйы хæдзары. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд æдæмон кæфтыты ансамбль. Ныр кæд культурæйы хæдзар цалцæггонд цæуы æмæ дзы кусынæн фадат нæма ис, уæддæр Агънаты Земфирæ йæ куыст нæ уадзы. Æрыгон фæсивæдимæ кæны хъомыладон куыст, аразы æппæт фадаттæ дæр, цæмæй сывæллæттæ сфæлдыстадон æмæ аивадон куыстыл хæст уой. Саразы сын театралон равдыстытæ, алыхуызон мадзæлттæ. 8-æм мартъимæ дæр Фарны хъæуы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн скодта цымыдисаг конкурс. Ирыстон сæрбæрзонд кæмæй у, ахæм сылгоймæгтæ бирæ сты. Уыдон удуæлдайæ лæггад кæнынц адæмæн, хæссынц рухс, уарзондзинад æмæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Кæддæриддæр, се уæхсчытыл цы уаргъ æвæрд ис, уый æнæрынцайгæйæ хæссынц. Сылгоймаг у къонайы артдзæст, бинонтæ æнгомгæнæг, сывæллæтты раст фæндагыл æвæрæг. Алцыдæр сылгоймагæй аразгæ у. Канд хæдзары нæ, фæлæ ма царды бæрзонд бынæттæ дæр ахсынц. Сты дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, культурæйы кусджытæ, æмæ алы ран дæр - фæзминаг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны дæнцæгæн хæссинаг сылгоймæгтæ
Категория:
Новости и СМИ