Чи хуыздæр?
58-æм æфсады хуыздæр бастдзинады техникæйы `хсæн цæуы æркаст «Уверенный прием-2019»-ы дыккаг къæпхæн. Командон-штабон хæдтулгæты экипажтæ сæ арæхстдзинад æвдисынц. Конкурсы сæйраг нысан – æфсæддонтæн сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнын. Уымæй уæлдай ма – бастдзинад бахъуаджы рæстæг сæ бон скæнын уыдзæн æви нæ, уый. Абон æфсæддонтæ сæ сæрмагонд техникæйæ тохы быдыры куыд пайда кæндзысты, уый дæр равдыстой. Турниры архайдтой 120 адæймаджы. Уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты æртыккаг къæпхæны. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, конкурс æрвылазон кæй у, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Чи хуыздæр?
Категория:
Новости и СМИ