Финансон зонындзинæдтæ парахат кæнгæйæ
Ныртæккæйы царды æхцатæн ис стыр ахадындзинад. Æнæ уыдон нæ хæргæ бакæндзынæ, нæ дзы царды ад нæ бамбардзынæ. Цæмæй рæзгæ фæлтæр æхцайы аргъ зона æмæ дзы раст пайда кæна, уый тыххæй сын байгом кодтой сæрмагонд ахуыртæ. Цæуынц Дзæуджыхъæуы физикон-математикон лицейы. Скъоладзаутæн амонынц тæккæ нырыккондæр зонындзинæдтæ. Ахуыргæнджытæ сæхиуыл н` ауæрдынц, уырны сæ, сæ хъомылгæнинæгтæ æхсæнады фидар бынат кæй бацахсдзысты. Бæлвырддæр хабæрттæ – нæ дарддæр æрмæджы. Æхца бирæйæ кæй никуы ничима бауадзыг ис, уый алчидæр зоны. Фæлæ сæ раст куыд бахардз кæндзæн адæймаг, уымæй аразгæ уæ фæрныгад. Хорз уый у, æмæ ахæм арæхстдзинæдтæ ныртæккæ райсæн ис скъолайы. Скъоладзауты сæрмагонд урочы ахуыр кæнынц, æхцайæ раст куыд пайда кæнын хъæуы, уый. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныры сывæллæттæ рæстæгимæ æмдзу кæнынц. Сæ дзыппытæ афтид никуы вæййынц. Уæдæ банчы картæтæй дæр куыд пайда кæнын хъæуы, уый бирæ хатт сæ ныййарджытæй хуыздæр фæзонынц. Иу æнæсгæрст хъуыддаг ма сын баззад – биткойн. Уæвгæ, уый дæр та базондзысты. Ахуыр сæ кæнынц сæрмагонд чингуытæм гæсгæ. Скъоладзаутæн дзы æрæмбырд кодтой финансты дунейæ æппæт хъæугæ информаци. Зæгъын хъæуы уый, æмæ скъоладзаутæн у цымыдисаг, разæнгардæй ахуыр кæнынц. Ацы программæйы фæрцы тагъд рæстæджы æппæт скъолаты ахуырдзаутæ зондзысты финаститимæ баст хъуыддæгтæ иууылдæр. Зæгъæм, дунейы æппæты хъæздыгдæр чи у, суанг уый дæр. Нæ республикæйы национ банчы куыд зæгъынц, афтæмæй æхцатæ гобаны бын даргæ хъуамæ ма уой, фæлæ хъуамæ сæ хицауæн пайда хæссой. Уый тыххæй та æмбæлгæ зонындзинæдтæ хъуамæ рагагъоммæ райсай, ома, сывæллонæй. Ацы ахуыртæ цас пайдаджын рауайдзысты, уый рæстæг равдисдзæн. Ныр та уал скъоладзаутæ кълæсты бадынц, хъуыды кæнынц, цы æхца сæм ис, уыдоны раст хардзыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Финансон зонындзинæдтæ парахат кæнгæйæ
Категория:
Новости и СМИ