Екатеринбургы ацыд ирон музыкалон драмæ «Нарты Батрадз»-æн нысангон равдыст
Екатеринбургы ацыд ирон музыкалон драмæ «Нарты Батрадз»-æн нысангон равдыст. Йæ автор — Цæгат Ирыстоны фыццаг профессионалон композитор æмæ дирижер, иртасæг æмæ адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг Галаты Барис. Аивадуарзджыты размæ рахастой оперæты рагон партитурæтæ, оркестрты партитæ, либретто, музыкалон пълан, афишæтæ æмæ, Тугъанты Махарбег спектаклтæм цы программæттæ бацæттæ кодта, уыдон. Равдыстæй уæлдай ма сарæзтой концерт. Сфæлдыстады хай азарыдысты ирон æвзагыл. Равдыст бацæттæ кодтой Свердловскы Аслан Гирей Галатийы номыл ирон культурæйы æхсæнад æмæ Центр «Содействие».