Æргом ныхас
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис фембæлд горæты цæрджытимæ æмæ сын байхъуыста сæ фарстатæм. Фембæлд уыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады исæнуаты. Адæммæ алыхуызон фарстатæ уыд. Сæ фылдæр баст уыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстимæ, фæндæгты уавæримæ, кæртыты аивдзинадимæ æмæ сывæллæттæн хъазæн фæзтæ аразынимæ. Зæгъæм, 9-аздзыд Иринæ Исаковайы фæнды, цæмæй Дзæуджыхъæуы сырддоны алфамблаймæ базилой æмæ йæ саив кæной, уый. Йæ зæрдæ риссы сырдты цы уавæты дарынц, ууыл дæр. Æлбегаты Барис загъта хъуыддагыл кæй бакусдзæн, уый. Æвзонг чызг та горæты сæргълæууæгæй райста зæрдылдарæн лæвар. Дыууæ адæймагмæ уыди курдиат - сæ кæртыты сывæллæттæн хъазæн фæз саразын. Дзæуджыхъæуы разамынд куыд загъта, афтæмæй цæттæ сты горæты цæрджытæн æххуыс кæнын. Æлбегаты Барис зæрдæ бавæрдта алы фарстамæ дæр йæ цæст кæй дардзæн, уымæй. «Афæдзы рдæг рацыд нæ курдиат нын куы сæххæст кодта уæдæй. Нæ кæрты цæрджытимæ йæм æрбацыдыстæм нæ зын уавæрыл сахадын. Байхъуыста нæм æмæ къуыри фæстæ фарста лыггонд æрцыд. Горæты разамонджы цæрджытимæ æргом ныхас кæныны фæтк тынг ахсджиаг у. Адæймаджы дæр ныфс ис хицауад адæммæ куыд фæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц, уымæй», — Сергей Плахтий. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æргом ныхас
Категория:
Новости и СМИ