Абон у боксы æппæтдунеон бæрæбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

22-æм июлы æгас дунейы бæрæг кæны боксы æппæтадæмон бон. Спортивон бæрæгбон снысан кодтой 2017 азы. Профессионалон бокс у спорты æппæты цымыдисагдæр хуызтæй иу. Истори куыд амоны, афтæмæй боксы уидæгтæ цæуынц суанг шумерты æмæ Египеты замантæй. Спортивон хъæбысхæстыл бокс банымадтой фыццаг Олимпаг хъæзтыты дæр, уый уыдис нæ дуджы агъоммæ 688-æм азы. Нырыккон хуызы бокс фæзынд Английы 18-æм æнусы. Олимпаг змæлды райрæзтимæ 1920-æм азы бахауд Олимпаг спорты хуызтæм. Уыимæ боксæн ис цалдæр хуызы паддзахæдтæм гæсгæ. Куыд спорты хуыз, афтæ бокс уарзынц æгас дунейы. Афæдзæй-афæдзмæ спортуарзджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Нæ бæстæйы дæр боксы бон бæрæг кæнынц 22-æм июлы. Уæлдайдæр та Мæскуыйы. Сæдæгай спортсментæ Уæрæсейы алы къуымтæй сæмбырд вæййынц нæ бæстæйы сæйраг горæты Сырх фæзы. Уым саразынц ерыстæ, дæсныйад æвдисæг ахуыртæ æмæ бæрæгбонимæ баст мадзæлттæ. Адæмæй дзы къух бакæнæн нал вæййы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон у боксы æппæтдунеон бæрæбон

Категория:

Новости и СМИ