Цæгат Ирыстоны Уырыссаг географион æхсæнады Советы æмбырд ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй
Цæгат Ирыстоны Уырыссаг географион æхсæнады Советы æмбырд ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй. Йæ архайджытæ ивгъуыд азы куыстæн скодтой хатдзæгтæ, æрдзырдтой 2024-æм азмæ нысæнттыл. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, ныртæккæ ахсджиаг у Уæрæсейы тыххæй зонындзинæдтæ бахъахъхъæнын æмæ фылдæр кæнын, бакусын экогеографион ахуырады райрæзтыл. Сæйрагдæр у фидæны фæлтæртæн æппæт зонындзинæдтæ радтын, цæмæй нæ хъæздыг бæстæ æмæ регионы райрæзтыл архайой. Уыимæ ма хъæуы регионы æрдз хъахъхъæныны архайд æмæ этнографион туризмы райрæзтыл бакусын. Культурон хæзнатæ иртасын. Уый тыххæй æппæт гæнæнтæ дæр ис. Республикæйы хицауад æмæ Уырыссаг географион æхсæнад æмгуыстады бадзырды бындурыл дзуапдæттæг министрадтæ, организацитæ æмархайд кæнынц. Нæ бæстæ æмæ республикæйы ис æмбал кæмæн нæй ахæм географион æмæ æрдзон бынæттæ. Хицауады хæс у, цæмæй æрыгон адæм сæ фенынмæ разæнгард кæной, - загъта Сергей Меняйло.