Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 3 сентября 2018
Нæ иумæйаг хъыг... Беслæны чысыл раздæр кæронмæ ахæцц сты номарæн мадзæлттæ æвирхъау теракты амæттæгты тыххæй. Хъыгагæн, зæрдæйы рис къаддæр нæ кæны. Абон Уæрæсейы у терроризмимæ тох кæныны бон. Беслæны æвирхъау цаутæ æрхъуыды кодтой Турчы цæрæг ирон адæм дæр. Нæ фыдæлтæ бындур цы хъæутæн æрæвæрдтой, уыдонæй иумæ `ввахс сарæзтой номарæн митинг. Бирæтæ сæ цæссыг нæ урæдтой. Беслæны 1-æм скъолайы амæттæгты рухс ном ссардтой Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæтты. Фæсивæдæн радзырдтой, 14 азы размæ се `мгар лæппутæ æмæ чызджытæ зындоны арты кæй басыгъдысты, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 3 сентября 2018
Категория:
Новости и СМИ