Бастдзинад æмæ æмгуыстад
Цæгат Ирыстон æмæ Ираны хсæн бастдзинады рæзты тыххæй æрдзырдта нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Дзанайты Барис, Ираны минæвар Мехди Санаиимæ. Фембæлд уыд Мæскуыйы, Ирайанг каллиграфийы равдысты фæлгæты. Æмбырды архайдтой фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ дины кусджытæ, стæй наукæ æмæ авиады архайджытæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æмæ Ираны хсæн ис уæлдай ахадындзинад. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ираны минæвар Мехди Санаи нæ республикæйы уазæгуаты уыд цалдæр хатты. 2017 азы Цæгат Ирыстоны сарæзтой наукон конференци "Иран æмæ Цæгат Кавказ". Архайдта дзы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмгуыстады фарстадыл дзурдзысты ацы аз дæр. Минæвæрттæ фембæлдзысты "Иран æмæ Цæгат Кавказ"-ы дыккаг форумы. Уыдзæн Тегераны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бастдзинад æмæ æмгуыстад
Категория:
Новости и СМИ