Æхсæрысæр æмæ Толдзгуыны хъæутæ I Комæй-коммæ
50 ног хæдзары фæзындзæн Ирыстоны районты. «Хъæуты рæзты» паддзахадон программæмæ гæсгæ уыцы хæрдзтæн федералон бюджетæй дихгонд æрцæудзæн 102 милуан сомы. Хæдзæрттæ самайдзысты, 30 мин адæймагæй къаддæр кæм цæры, уыцы рæтты. Уый тыххæй нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег фехъусын кодта, Æрæфы æмæ Дыгуры районты бынæттон администрациты цы фембæлдтæ сарæзта, уым. Ацы хъуыддаг æнæмæнг хорзырдæм фæзындзæн адæмы хъæуты бауромыныл. Фæлæ ма уымæй уæлдай хъæуккæгты иннæ фарстытæ куыд лыггонд цæуынц, ууыл æрныхас кæндзыстæм нæ программæ «Комæй-коммæ»-йы. Æмæ абон сæрмагондæй дзурдзыстæм Æрæфы районы Æхсæрысæр æмæ Толдзгуыныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсæрысæр æмæ Толдзгуыны хъæутæ I Комæй-коммæ
Категория:
Новости и СМИ