Хуссар Ирыстоны расидтысты æфсадмæ
Уæдмæ уал Хуссар Ирыстоны, президенты хъæппæрисæй, расидтысты æфсадмæ. Ахæм бардзырд бафыста Бибылты Анатолий. Уымæ гæсгæ, службæ ныры онг чи ацыд, уыдоны фæстауæрцы арвыстой. Ног расидт ацæудзæн октябрæй - декабрмæ. Сæрмагонд гæххæтт апарахат кодтой республикæйы президенты официалон сайты. Æфсадмæ службæ кæнынмæ ацæудзысты 18 азы кæуыл сæххæст, уыдон æмæ уымæй хистæр адæймæгтæ. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны президент Бибилты Анатолий бабар кодта горæтты æмæ районты администрациты разамонджытæн ацы хъуыддагыл лæмбынæг бакусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны расидтысты æфсадмæ
Категория:
Новости и СМИ