Хъæууон хæдзарадон кусджытæн æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

«РосАгроЛизинг»- ы минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарадтимæ бастдзинад æнгом кæнынц. Уæрæсейы егъау компанийæ æрцыдысты нæ республикæмæ зæхкусджытимæ æмгуыстады фарстатыл аныхас кæнынмæ. Специалисттæ фембæлдысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ, уый фæстæ араст сты районтыл куысты балцимæ. Цы федтой æмæ цавæр бадзырдтæ бафыстой, уый нæ дарддæры æрмæджы. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады объекттыл афæлгæст. Сæ экскурси «РосАгроЛизинджы» минæвæрттæ райдыдтой компани «Бавари»-йæ. Уазджытæн равдыстой æмæ сæ базонгæ кодтой адджын дæттæ кæныны технологиимæ, стæй хъармуатты куыстимæ. Специалисттæм уæлдай цымыдисаг фæкаст картофы мыггаджы куыстгæнæг лаборатори. Ардыгæй мыггæгтæ арвитынц Уæллаг Зджыдмæ. Æмæ сæ уым, 2 500 метры бæрзæндыл ныссадзынц. Уæвгæ, ацы быдыртæн æмбал нæй. «Росагролизинг се ппæтмæ дæр цымыдисаг кæсы. Раздæр семæ никуы куыстам. ныр та зонгæ кæныæм цы уавæртæ дæттынц, цас фенцондæр кæндзысты зæхкусджыты уаргъ, цы пайда сын фæуыдзысты, уый. Куыд нæм кæсы, афтæмæй семæ бадзыр бафыссын хуыздæрырдæм фæзындзæн», - загъы æнæххæстбарджын æхсæнал «ФАТ-АГРО»-йы хицау Мæрзойты Зауырбег. Кусæн фæткмæ гæсгæ уазджытæ сæ фæндаг акодтой Кировы районмæ. Ам ис республикæйы стырдæр куыстуæттæй иу «Де-Густо». 2000 га дзы байтауынц хор, дарынц фосы сæдæгай сæртæ, сæ дыргътæ æмбырдгæнæны та ис 1500 тонны дыргъæ дарын. Хъæууон хæдзарадон кооператив кæны зайæгойты æмæ фосы куыст. Æрбаластой республикæйы стæм хатт чи æмбæлы æмæ хæрзхъæдыл нымад чи у, ахæм хъомты хуыз – Герефорд. «Росагролизинг»-ы департаменты разамонæг Константин Каравайный: «Диссаг мæм фæкаст ацы хæдзарады хъомты мыггаг «герифорды» кæй дарынц, уый. Зынаргъ æмæ хæрзхъæд фосы мыггагыл нымад сты. Сæ дзидза сын дуканиты арæх не ссардзынæ. Афтæмй та тынг хæрзад у. Фæнды нæ хæдзарадæн баххуыс кæнын. Стæй хорз продукци кæй уадзынц, уый дæр зонæм». Цыхтыты хуызты æмæ æхсыры продукцийы стыр номхыгъдæй цыфæнды куыстуат дæр сæрæстыр уыдзæн. Фæлæ æппæт уыцы æнтысдзинæдтæ бафтыдысты компани Мастер – Прайм «Березка»-йæн. Уазджытæ сæ хæрзхъæд продукцийæ куы ацаходыдтой, уæд уазджыты дисыл ноджы бафтыд. Кæддæр чысыл фермæ ныр сси стыр холдинг. Йæ кой дæрддыл айхъуыст. Компанийы специалисттæ тырнынц размæ, ис сæм бирæ фæндтæ æмæ бæллицтæ. Сæ сæххæст кæнынæн та æххуыс хъæуы. «Росагролизинг» сæм кæй ссыд, уый дæр хорзыл нымайынц. Уæвгæ, федералон оргæн, æххуыс кæны куыд стыр куыстуæттæн, афтæ чысыл фермерон хæдзарæдтæн дæр. Зæгъæм, 10 азы мгъуыдмæ техникæ 3,5%-æй банхæнын, цыфæнды куыстуатæн дæр пайда у. «Ныртæккæ техникæ тынг зынаргъ у. Алкæй бон æй балхæнын нæу. Кредитты проценттæ дæр бæрзонд сты. Уымæ гæсгæ лизинг пайда у. Бирæтæн баххуыс кæндзæн. Хуыздæрырдæм сыл фæзындзæн», - загъы РЦИ-Аланийы хойраджы æмæ хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег. «РосАгроЛизинджы» специалисттæ ма хъæууон-хæдзарады къабазы кусджытæн араздзысты семинартæ æмæ консультацитæ. Бæстон сын радзурдзысты лизингæй, ома, паддзахады æххуысæй æмæ гыццыл процентæй техникæ куыд балхæнæн ис, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъæууон хæдзарадон кусджытæн æххуыс

Категория:

Новости и СМИ