Дзæрæхохты Владислав йæхи æндæр дæсныйады никуы уыдта

Дзæрæхохты Владислав йæхи æндæр дæсныйады никуы уыдта. Адæмæн æххуыс кæнын у йæ царды сæйраг нысан. Фыццаджыдæр уал низы аххосæгтæ раиртасын. Адæмы цард хъахъхъæнын йæхицæн сабийæ фæстæмæ снысан кодта. Ног хуызы кусын, цæрын æмæ улæфын сты остеапатийы æууæлтæ. Ацы къабазмæ фылдæр æргом здахын куы райдыдтой, уæд дохтыры сцымыдис кодта. Ацыд сæрмагонд ахуыртæ Санкт-Петербургы. Уый фæстæ райдыдта ноггуырдты дзæбæх кæнын. Нæлгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй иу риссагдæр бынæттæ уайтагъд раиртæста. Остеопатийы Дзæрæхохты Владислав 40 азæй фылдæр ис. Ацы куыст ын хуымæтæджы дæсныйад нæу, фæлæ йæ царды нысан. Куысты зæрдæйы æмæ къухты хъарм бауадзын. Æрмæст афтæмæй ис адæймаджы ног тыхтæ бауадзæн. Афтæ рауад Никитинскийты бинонтæн дæр. Дохтырмæ ссыдысты Санкт-Петербургæй. Сæ фæндаг æнцон нæ уыд, фæлæ фæсмон нæ кæнынц. 8 процедурæйы фæстæ сывæллонæн йæ къухтæ тасын райдыдтой, йæхæдæг иу фарсæй иннæмæ æрзилы. Ныййарджытæн тынг æхсызгон у сæ сывæллон, кæй фæдзæбæх ис, уый.  Фæлтæрдджын остеопат æппынæдзух йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæны, архайы алыхуызон конференцитæ æмæ ахуырадон форумты. 2013-æм азы "Целители России", зæгъгæ, æркасты рамбылдта кубок. Уый фæстæ архайдта æппæтдунеон æмвæзады конкурсы Тунисы. Дзæбæх кодта церебралон параличимæ сывæллæтты. Уым базонгæ Марьянæимæ. Ацы фембæлд цæхгæрмæ фæивта чызджы цард. 5 боны фæстæ сывæллон йæ къæхтыл слæууыд. Дохтыр кæмæн баххуыс кодта, уыцы бинонтæ чысыл не сты. Дохтырмæ ис бузныджы фыстæджыты коллекци. Суанг ма йын æмдзæвгæтæ дæр ныффыстой. Абон Дзæрæхохты Владислав у республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады остепатийы сæйраг специалист. Йæ ном фыст у Кавказы диплом фыццаг чи райста, уыдоны хыгъды. Бакуыста нæ фыдæлтæ низæй куыд дзæбæх кодтой, ахæм æмбырдгондыл. Афтæмæй, ацы æнтстдзинæдтыл æрлæууынмæ нæ хъавы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
22 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии