«Рæстæгмæ ус»-ы премьерæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

9 лет назад

Ирон театры равдыстой спектакль «Рæстæгмæ ус». Артисттæ куыд загътой, афтæмæй, залы уый бæрц адæм рагæй нал уыд. Спектаклы режиссер Айларты Асæхмæт йæ пьесæйы цы монцтæ æмæ æнкъарæнтæ равдыста, уыдон федта не`сфæлдыстадон къорд дæр. Цыфæнды спектакль дæр у адæмы миддуне æргомгæнæг. Ирдæй дзы æвдыст æрцæуынц адæмы ахаст, æнкъарæнтæ, æгъдæуттæ, царды уаг. Бирæтæ пьесæтæ хонынц – царды энциклопеди. Ацы хатт дæр та царды æууæлтæ раргом кодта зындгонд драматург Айларты Асæхмæт. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодта спектакль «Рæстæгмæ ус». Уæвгæ уый театрдзаутæн æнæзонгæ нæу. Кæддæр ацы пьесæ ныффыста зындгонд драматург Хуыгаты Геор. «Ацы пьесæ фыст уыдис цалдæр азы размæ. Æвæрд-ма уыд ирон татры сценæцыл. Сæвæрдта йæ зындгонд режиссер æмæ драматург Хуыгаты Геор. Хъыгагæн, уыдис йæ фæстаг æвæрд спектакль. Афтæ рацыд цасдæр рæстæг, пьесæ ногæй æвæрд æрцыдис», - загъы РЦИ-Аланийы адæмон артист Айларты Асæхмæт. Ацы спектакль дисы канд нæ Дзæуджыхъæуы цæрджыты нæ бафтыдта. Аивадон уацмысы фурды сæхи баппарынмæ аивадуарзджытæ схæццæ сты нæ респуликæйы иннæ районтæй дæр.Сæ зæрдæ дарынц, ам сæ фæллад кæй суаддзысты. Гæцойты Эльбрус: «¤Æрбацыдыстæм премьерæмæ, хуыйны «Рæстæгмæ ус». Æмæ, фыццаджыдæр, уый тыххæй æрцыдыстæм. Тынг хорз у адæмы бон кæй у аивадимæ зонгæ кæнын. Бакæсын нæ зындгонд Айларты Асæхмæт цы спектакль сæвæрдта, уымæ». Асæхмæты пьесæтæ театры фыццаг хатт нæ сæвæрдтой. Фæлæ кæддæриддæр йæ уацмысты фæлгонцтæ алцæмæйдæр æххæст сты. Уый аивадуарзджытæ, æнæмæнг, бафиппайынц. Уæдæ алы уацмысы дæр арф философон хъуыды вæййы. Æвдыст дзы цæуынц царды фæзилæнтæ. Фенæн дзы ис алыхуызон фæлгонцтæ. Сюжет та арæх цардæй ист у. «Абоны цардæн тынг актуалон сты йæ хъуыдытæ. Цыдæр ивддзинæдтæ ма йæм бахастон, æмæ мæнмæ гæсгæ. ссис актуалон.Адæм алыхуызон сты. Æмæ гъер абон ацы спектакльмæ чи æрбацыдис, уыдонæй алчидæр йæхицæн цыдæр хъæуыдытæ куы райсид æмæ йæ йæхирдыгонау куы фенид, уæд», - загъы Айларты Асæхмæт. Спектаклы хъазынц цыппар актеры. Иууылдæр сты фæлтæрдджын, курдиатджын, ирон театры рæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста ахæм актертæ – Хъæчмæзты Лазарь, Гуыссауты Светланæ, Тыджыты Эдуард, се мрæнхъ ис театры стыр ныфс, æрыгон актер – Еналдыты Дмитрий. Æхсызгон ма уый у æмæ спектакль равдыстой Цæгат Кавказы бирæ театры, Казахстаны æмæ Хуссар Ирыстоны. Спектакль «Рæстæгмæ ус» ирон сценæйыл равдыстой фыццаг хатт. Фысгæ та йæ Айларты Асæхмæт ныккодта 15 азы размæ.Фæлæ ма ныр дæр у актуалон. Рæстæг цæуы. Хæххон цæугæдонау згъоры, размæ гуылфы. Ацы спектакль дæр кæд цалдæр азы размæ фыст уыд, уæддæр ныры дуджы дæр адæмы цымыдисы æфтауы. Гуырын сæм кæны алыхуызон фарстатæ. Ахæм уацмыс та банымайæн ис классикæйыл. РЦИ-Аланийы адæмон артист Хъæцмæзты Лазарь: «¤Адæмæй кæд исчи æнхъæлмæ кæсы æмæ худынмæ æрбацæудзæнис, уæд дзы худын нæ фендзæнис. Худгæ дæр дзыкуы нæ кæндзæнис. Фæлæ дзы фыццаджыдæр фендзæнис мæнæ цардыл чи ахъуыды кæна. Мæнæ цы хуызæн у, мæнæ куыд. Мæнæ цы рæсугъд у. Мæнæ ма мын кæс мæ уавæрмæ. Цы хуызæн уыдзынæн ныртæккæ сценæйыл. Фырнозтæй чи райхъал æмæ куы бауарза,уæд куыд сырæздзæнис, йæ цæстытæ дæр куыд  байгом уыдзысты. Ахæм хъысмæт равдисын мæнæн мæ зæрдæмæ цæуы». Ацы пьесæйы сæйраг хъуыды у адæймаджы иунæгдзинад. Хъуамæ иунæг ма уа. Бирæгътæ дæр ма иумæ, къордгай куы цæрынц, уæд адæймаг та иунæг хъуамæ цæмæ уа. Ацы хъуыдыйæн пьесæйы ныхмæвæрд æвæрд у уарзондзинады æнкъарæн. Æрмæст уый дæтты адæймагæн ныфс: дарддæр цæрынмæ, бæллицтæ æвæрынмæ размæ тырнынæн. Цыфæнды кары дæр адæймаг хъуамæ уарза, хъуамæ раргом уа йæ алыварс чи ис, уыдонæн. Хъуамæ сæ зæрдæтæ минмырон хъæлæстæй сдзурой. Алкæмæн дæр хъуамæ уа уарзон адæймаг, йæ бонтæ кæимæ æрвита, ахæм. Æвæццæгæн, уымæ гæсгæ спектакльмæ бакæсынмæ æрбацыдысты алы кары адæм. Спектаклæн ис стыр хъомыладон нысаниуæг. Æвæццæгæн, æмæ йе фенынмæ бирæ фæсивæд уый тыххæй æрбацыд. Чи зоны æмæ ахæм спектакльты фæрцы та ирон театр кæстæр кары минæвæрттæн дæр суыдзæн тынг уарзон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

«Рæстæгмæ ус»-ы премьерæ

Категория:

Новости и СМИ