Бæрнон фембæлд
Абоны сæйраг цау у – Лев Кузнецовы кусæг балц Цæгат Ирыстонмæ. Базонгæ республикæйы ахсджиаг фарстатимæ. Ивгъуыд аз республикæ электрон тыхæн фиддонтæн бафыста сæ 95%. Уый тыххæй абон дзырдтой Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов артаг æмæ энергетикæйы комплексы фарстаты фæдыл ведомствæты хсæн цы къамисы æмбырды сарæзта, уым. Куыд бафиппайдта, афтæмæй кæд фиддонты бæрц фæфылдæр, уæддæр ма цæрджытæ куыд æмбæлы, уый бæрц нæ фидынц. Ацы коммуналон лæггадæн фидынц æрмæст сæ 87%. Æмбырды ма æрныхас кодтой газ уадзыны фарстатыл. Уыцы хъуыддаджы республикæ иттæг хорз бакуыста. Пълан уæлдайджынтæй сæххæст кодтой – 115%. Уый хыгъд бюджеты æфтиæгтæ 87% йеддæмæ не сты. Лев Кузнецов бафæдзæхста ацы фарстатыл хуыздæр кусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæрнон фембæлд
Категория:
Новости и СМИ