«Аланские скауты»-йы архайдзæнис 100 сывæллонæй фылдæр
Цæгат Ирыстоны хæхты августы байгом кæндзысты «Аланские скауты», зæгъгæ, ахуырадон- тренировкæгæнæн лагерь. Уый къухы бафтыд президенты гранты руаджы. Йæ бæрц - 497 мин сомы. Лагеры хъомылгæнинæгты `хсæн уыдзысты, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у æмæ æххуысцух бинонты чи хъомыл кæны, уыцы сывæллæттæ. Ахуыр сæ кæндзысты, бахъуаджы рæстæг хъæугæ медицинон æххуыс бакæнын æмæ альпинисты дæсныйады сусæгдзинæдтыл. Уый тыххæй хъусын кæны агентад ТАСС. Мадзал аразджытæ - адæмæн социалон æххуыс кæныны хæрзаудæн фонд «Успение». «Аланские скауты» сараздзысты цалдæр къæпхæнæй. Ацæудзæн «Цъæй»-ы ахуырадон-тренировкæгæнæн центры. Фыццаг рад райдайдзæн августы. Æдæппæтæй уыдзысты 100 сывæллоны. Сæ кар - 8 азæй 14 азы кæуыл цæуы æмæ 14 азæй хистæр чи у, ахæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Аланские скауты»-йы архайдзæнис 100 сывæллонæй фылдæр
Категория:
Новости и СМИ