Хæлар ахаст - хъæутæн
Цæгат Ирыстоны сарæзтой акци "Добро в село", зæгъгæ. Райдыдта Буроны. Дарддæр цæудзæн иннæ хъæуты дæр. 15-æм октябрмæ бархион студенттæ æмæ республикæйы фельдшерон-акушерон пунктты дохтыртæ æххуыс кæндзысты республикæйы хъæуты цæрджытæн. Акци аразджыты ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй фæсивæд разæнгард кæндзысты дард хъæуты кусынмæ, сæ зонындзинæдтæ практикон хуызы æвдисдзысты, адæмæн æххуыс кæндзысты. Бæлвырддæр хабæрттæ - нæ уацхæссæджы æрмæджы. Туджы æмæ цæстыты æлхъывдад сбарын, холестерин æмæ, сæкæр туджы цас ис, уый базонын, УЗИ скæнын. Ныр Буроны фельдшерон-акушерон пункты медицинон кусджыты бон у цæрджытæн фылдæр лæггæдтæ кæнын. Бынæттон амбулаторийы кусы бирæ дохтыртæ. Алагиры районы сæйраг æмæ Мызуры рынчындæттæй æрбацыдысты хъæугæ дохтыртæ. Се `хсæн - хирург, невролог, иумæйаг практикæйы дохтыр æмæ, УЗИ чи кæны, ахæм специалист. Семæ ма - медицинон академийы студенттæ дæр. Фидæны дохтыртæ æмæ бархионтæ сфæнд кодтой мадзалы бацархайын æмæ хъæуты цæрджытæн баххуыс кæнын. Фæлтæрдджын дохтырты хæс у рынчынтæн æмбæлгæ æххуыс бакæнын. Бархионтæ та бацархайдтой куыстæн хорз уавæртæ саразыныл. Семæ æрбаластой æнæниздзинад хъахъæнынæн амынддзинæдтимæ гæххæтытæ. Цæрджытæн сæ байуæрстой. Уымæй уæлдай ма бархионтæ сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Адæмæн радзырдтой, низтæ куыд æмæ цавæр миниуджытæм гæсгæ рабæрæг кæнæн ис, рагацау сæ сдзæбæх кæнынæн цавæр мадзæлтæ ис, уый, стæй æнæниз цардыуаг цы у æмæ йе `ххæст кæнын куыд пайда у, уый тыххæй. Бархионтæ ма зæрдæ бавæрдтой, амбулаторийы алыварс фæзуаты санитарон-экологон уавæрмæ уæлдай цæст кæй дардзысты, уымæй. Акци райдыдта Бурон æмæ Сырх Ходы. Медицинон къорд дзы кусдзæн иу куыри. Хæстæгдæр рæстæг ма дохтыртæ æмæ бархионтæ бабæрæг кæндзысты Æрæфы районы фельдшерон-акушерон пункттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хæлар ахаст - хъæутæн
Категория:
Новости и СМИ