Дзæуджыхъæуы æрмысыдысты Цæцæны цы десантниктæ фæмард, уыдоны нæмттæ
Сæ ныхмæ лæууыдысты 2000 фыдгæнæджы. Уæрæсейаг салдæттæй уæд сæрæгасæй баззадысты 6-æй. Уыцы бынат уыд стратегимæ гæсгæ тынг ахсджиаг. Мадзалы аразджытæй иуы ныхæстæм гæсгæ, террористтæ дарддæр куы бабырстаиккой, уæд хæсты хатдзæгтæ дæр æндæрхуызон уыдаиккой. Уыцы бонты чи фæмард, уыдоны нæмттæ республикæйы æрымысынц æрвылаз. Мадзал саразы Цæгат Ирыстоны десантникты цæдис. Дидиджытæ цыртдзæвæныл æрæвæрынмæ æрбацыдысты 26-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ æрыгон сабырдзинадтауджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы æрмысыдысты Цæцæны цы десантниктæ фæмард, уыдоны нæмттæ
Категория:
Новости и СМИ