Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттæ сæ тæмæны ст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

7 лет назад

Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттæ сæ тæмæны сты. Куыд цæуынц, ууыл ныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Бæрæгбоны мадзæлттæй æппæты егъаудæртæй иу ацæудзæн 15 октябры, Хетæгкаты Къоста кæм райгуырд, уым - Нары хъæуы. Культурæйы министр Къубалты Эльбрус куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ цæттæ кæнынц баннертæ, аив кæнынц хъæумæ бахизæн. Сифтонг кæндзысты нысангонд фæз дæр. Уым бæхты театры артисттæ адæмы рæгъмæ рахæсдзысты поэты номыл премьерон спектакль. Уымæй уæлдай ма Нары сараздзысты концерт. Архайдзысты дзы нæ республикæйы зындгонд артисттæ. Дзыллон мадзæлттæ кæм ацæудзысты, уым ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Афтæ Къостайы хæдзар-музейы дæр. Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, уырдæм цалцæг кæнынмæ рахиздзысты Аланийы аргъуыды 1100 азы бæрæг кæныны программæйы фæлгæты. Уый тыххæй хъæугæ фæрæзтæ рахай кæндзысты федералон бюджетæй. Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон бæрæг кæндзысты канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма æгас бæстæйы дæр. Мæскуыйы ацæудзысты ирон культурæйы бонтæ. Уый фæлгæты бацæттæ кæндзысты цалдæр сæрмагонд мадзалы. Фæнд кæнынц литературон æмæ аивадон фæмбæлдтытæ скæнын. Октябры кæрон Мæскуыйы Стыр Театры ацæудзæн егъау гала-концерт. Сæ куырдиат дзы равдисдзысты Уæрæсейы аивады раззагдæр архайджытæ. Хицауады сæрдары хæдивæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй уыцы мадзæлттæм хъæуы, куыд æмбæлы афтæ, хи бацæттæ кæнын. Бæрæгбоны пъланмæ гæсгæ, æмбæлгæ æвæрæн бахæсдзысты дзыллон информацион фæрæзтæ дæр. Цæттæ кæнынц телеуынынады равдыстытæ æмæ документалон кинонывтæ. Уырыссаг академион театры уыдзæн премьерæ - аивадуарзджытæн цæттæ кæнынц спектакль «Фатимæ». Скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты та ацæудзысты акцитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 160 азы юбилеймæ цæттæгæнæн мадзæлттæ сæ тæмæны ст

Категория:

Новости и СМИ