«Тук-тук Ханум»
Аивад – сывæллæтты цинæн ахъазаг. Азербайджаны ТЮЗы актертæ Цæгат Ирыстоны драмон театры равдыстой хæрзаудæн спектакль. Аргъау фенынмæ æрбацыдысты сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты сабитæ. Æвзонг театрдзаутæн равдыстой Абдулла Шангайы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Тук-тук Ханум». Аргъау у тæргайгæнаг цъырцъыраджы тыххæй. Агуры йæхицæн хæлæртты, фæлæ æппынæдзух йæ размæ цæлхдуртæ фæзыны. Спектакль æвдисдзысты æртæ боны. Азербайджыны минæвæрттæ нæ республикæмæ ссыдысты дыууæ бæстæйы театрты хсæн бастдзинад фæфидар кæнынмæ.17 майы та Цæгат Ирыстоны артисттæ абалц кæндзысты Бакумæ. Аивадуарзджытæн равдисдзысты аргъау «Вовка в Стране чудес». Йæ режиссер-æвæрæг у Черчесты Дианæ. Директор Азербайджайнаг ТЮЗы: «Тынг æхсызгон нын у дыккаг хатт Дзæуджыхъæумæ æрбацæуын. Æртæ азы Цæгат Ирыстоны паддзахадон театры актертимæ хæларæй цæрæм. Фарон театр Сабийы æртæ боны æвдыстам спектакль. Уый фæстæ уыцы театры архайджытæ уыдысты Бакуйы. Нæ сывæллæтты зæрдæмæ тынг фæцыдысты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Тук-тук Ханум»
Категория:
Новости и СМИ