Раст цыма хуымæтæг æйчытæ не 'лхæнынц, фæлæ сыгъзæрин, афтæ хъуыды кæны ныртæккæ æвæццæгæн

Раст цыма хуымæтæг æйчытæ не 'лхæнынц, фæлæ сыгъзæрин, афтæ хъуыды кæны ныртæккæ æвæццæгæн Дзæуджыхъæуы алы цæрæг дæр. Карчы æйчыты аргъ горæты ныртæккæ хӕццӕ кӕны 120 сомæй 200 соммæ. Монополиты ныхмæ федералон службæйы цæгатирыстойнаг хайады куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй аргътæ хизынц октябрæй нырмæ. Дыууæ æмæ æрдæг мæймæ - 40%. Æмæ уый æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы æппæт регионты дæр. Бæрзонд аргътæм сæ цæст æрдардтой монополиты ныхмæ федералон службæ. Цæмæ фæзынаргъ сты æйчытæ, уымæн йӕ официалон аххосæгтæ нæма сбæрæг сты. Фæлæ, гæнæн ис, æмæ ахæм уавæр сæвзæрд холладжы тыххæй. Цæгатирыстойнаг амалхъом адæймæгтæ хъаст кодтой, холлаг кæй фæзынаргъ, уымӕй Центрон аппарат куы сбæлвырд кæна бæрæггæнæнтæ, уæд официалон æгъдауæй дзурæн уыдзæн аххосæгты тыххæй. Аргътæ схизыны хъуыддаг бауромын æмæ сраст кæныныл архайы нæ бæстæйы хицауад, загътой монополиты ныхмæ федералон службæйы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
27 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии