Тарскæйы цыбыр рæстæджы фæстæ фæзындзæн ног спортивон фæз
Тарскæйы хъæуы райдыдтой социалон-культурон фарстатыл кусын. Уыцы фадат хъæуы бынæттон администарцийæн фæзынд Уæрæсейы федералон программæйы фæрцы. Ныронг уал дзы аразынц спортивон фæз. Тарскæйы хъæуы сæйраг уынджы ныр дыууæ мæйы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Ацы бынаты чысыл рæстæджы æмгъуыдмæ фæзындзæн ног спортивон фæзуат. Уыцы хабармæ цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сабитæн раздæр хъазæн бынат нæ уыд, ныртæккæ та сын фæзындзæн хиирхæфсæн фæз. Тæрскæйы хъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй-иу раздæр адæм тынг тыхсыдысты, сæ сывæллæттæн уавæртæ кæй нæ уыд, уый тыххæй. Сабитæ-иу фылдæр рæстæг хъазыдысты фæндаджы был кæнæ та-иу ацыдысты районмæ. Хъуыддаг хуыздæры 'рдæм куы аивта, уæд хъæуы цæрджыты цинæн кæрон нал уыд. Ныр, федералон программæйы фæрцы Тарскæйы сæйраг уынг саив кæндзысты ног фæзæй æмæ ног спортивон дзауматимæ. Кæд адæм раздæр дызæрдыг кодтой, цы дзы сараздзысты ууыл, уæд ныртæккæ ацы фарстайыл æппындæр нал тыхсынц. Хъæуы хицауы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддагыл рагæй дзырдтой районы администрацийы кусджытæ. Æмæ цæмæй Тарскæйы ног спортивон фæзуат фæзына, уый тыххæй Горæтгæрон районы администраци хъæуы хицауæн рагагъоммæ фехъуысын кодта. Уымæ гæсгæ, фæзуатæн рахай кодтой æмбæлгæ бынат. Фæнд ма кæнынц фидæны ног спортивон залтæ дæр саразын. Ныртæккæ Тарскæйы хъæуы цæуынц бирæ ивддзинæдтæ. Фæндтæ бирæ. Сæйрагдæр - иумæйаг архайдæй æхсæнадон хъуыддæгты сæйраг фарстатæ куыд æмбæлы, афтæ сæххæстг кæнын. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тарскæйы цыбыр рæстæджы фæстæ фæзындзæн ног спортивон фæз
Категория:
Новости и СМИ