Хæлардзинады урок сарæзтой Цыколайы фыццæгæм скъолайы
Хæлардзинады урок сарæзтой Цыколайы фыццæгæм скъолайы. Сбастой йæ бархионы æппæтдунеон бонимæ. Сывæллæтимæ æрныхас кодтой хæлардзинад куыд æмбарынц, стæй бархионты архайды тыххæй цы зонынц, уый тыххæй. Уый фæстæ бакастысты видеоæрмæгмæ. Æвдыст дзы уыд, бархионтæ æхсæнадæн цы пайда хæссынц, цавæр проекттæ саразынц, уый. Сабитæ цымыдисæй бакастысты æрмæгмæ. Стæй сын фадат уыдис æмбæлгæ фарстатæ раттынмæ. Кæд дзы бирæтæ абоны онг бархионты архайды тыххæй бæлвырдæй ницы зыдтой, уæд урокы фæстæ сæ бирæты бафæндыд бархионты рæнхъытæ фæфылдæр кæнын. Светланæ Фэзиляева, Цыколайы 1-æм скъолайы информатикæйы ахуыргæнæг: «Мах абон бацархайдтам акцийы. Мæнмæ гæсгæ, ныртæккæ хæлардзинады фарста тынг ахджиаг у. Хъуамæ архайæм, сабитæ кæрæдзимæ æмæ дунемæ дæр хæлардæр цæстæй куыд кæсой. Абон сын равдыстой бархионтыл ист видео «Фидæны бархион». Уый размæ-иу сæ куы бафарстон, бархионтæ чи сты, сæ куыст цæй мидæг у, уæд-иу æй бирæтæ нæ зыдтой. Ахæм уроктæ стыр пайда кæй хæссынц сывæллæттæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хæлардзинады урок сарæзтой Цыколайы фыццæгæм скъолайы
Категория:
Новости и СМИ