Дзæуджыхъæуы сарæзтой æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй
Дзæуджыхъæуы сарæзтой æппæтуæрæсеон турнир армрестлингæй
Дзæуджыхъæуы ацыд армрестлингæй æппæтуæрæсеон ерыстæ. Снысан сæ кодтой Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæндбеджы мысæн бонмæ. Ерыстæ гом кæныны кадджын мадзалы фæстæ цалдæр уæзы категорийы ацыдысты кæронбæттæн ныхмæлæудтытæ дæр. Армхæсты стъолы уæлхъус фæсивæд сæ тыхтæ æвзарынц. Чи фæуæлахиз уыдзæн, уый бæрæг нæу. Æмæ бирæ азты дæргъы спортæй чи архайы, уый дæр фæхæрд вæййы. Уымæн æмæ ам сæйрагдæр у техникæ, тактикæ æмæ тагъддзинад. Уæдæ армрестлингӕй архайæг чызджытæн дæр тыхджын æрмхæст сæ къухты нæ, фæлæ сæ удыхъæды дæр ис. Ацы спорты йæхи ссарын алкæй бон дæр у. Æмæ ныр дæр ерыстæ æрбамбырд кодтой уæлахизмæ тырнæг лæппутæ æмæ чызджыты. Республикæйы турнир сарæзтой æхсæзæм хатт. Ерыстæй ссардтой Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Аслæнбеджы ном. Уæлахизыл тох кодтой 300 архайæгæй фылдæр бæстæйы 27 регионæй. Уæдæ Ирыстоны спортсментæ дæр фæстæ нæ баззадысты. Мадзалы архайдтой æрыгæттæ дæр. Турниры æмвæзад бæрзонд у. Уæлахиздзаутæ райсдзысты Уæрæсейы спорты дæсныты нæмттæ. Фæлæ уæддæр ерысты сæйраг нысан у — фæсивæды æргом спортмæ раздахын. Еналдыты Аслæнбеджы номыл æппæтуæрæсеон турниры аразджытæ фæнд кæнынц мадзал æрвылаз аразын. Ахæм ерысты руаджы фæсивæд кæнынц тыхджындæр, сæ 'хсæн та хъæддыхдæр кæнынц хæлар ахастдзинæдтæ.