Бкслæны музыкалон скъолайæн лæвард æрцыд УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг Махъоты Ацæмæзы ном
Æхсызгон, æмæ бирæтæ рагæй кæмæ 'нхъæлмæ кастысты, ахæм хабар. Беслæны музыкалон скъола ныр хæсдзæн Махъоты Ацæмæзы ном. Уынаффæ æмхъæлæсæй рахастой Рахизфарсы раоны депутаттæ. Маэстро йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаг у куыд цинхæссæг, афтæ стыр бæрнондзинад æвæрæг дæр. Фæлæ йæм Махъоты Ацæмæз цæттæ у. Зындгонд композиторыл йæ райгуырæн горæты куыд сæмбæлдысты, уый радзурдзысты ме 'мкусджытæ.