Цхинвалы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ æрмдæсныты æрмадз Порталы
Цхинвалы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ æрмдæсныты æрмадз - Порталы. Проект æххæстгонд цæуы гранты фæрæзтæй. Грант рамбылдта фæсивæдон политикæйы фæдыл комитет. 2018 азы хуссайраг Портал-æн Цхинвалы рахай кодтой æрдæгхæлд бæстыхай. Уый хъуамæ сцалцæг кодтаиккой. Куыстытæ бæргæ райдыдтой, фæлæ æхца кæй нæ фаг кодта, уый аххосæй баурæдтой. Ныр Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад æххæст кæны æрыгон фæлтæры хъомылады сæрмагонд программæ. Уый фæлгæты республикæйы фæсивæдон политикæйы фæдыл комитет бацæттæ кодта Порталы тыххæй проект. Комитетæн радтой сын грант - 400 мин сомы. Бæстыхайы рацарæзтæн фæрæзтæ хъуамæ сфаг уой. Сфæлдыстадон лабораторийы алкæмæн дæр фадат уыдзæн аивадон куыст кæнынæн. Æхцайы фæрæзтæй сфæлдыстадон хъуыдытæ цард фендзысты. Портал ма суыдзæн бынæттон æрмдæсныты армукъа дæр. Уыимæ порталы цæудзысты лекцитæ, араздзысты дзы æрмадзтæ æмæ арт-объектты равдыстытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цхинвалы райдайдзысты цалцæггæнæн куыстытæ æрмдæсныты æрмадз Порталы
Категория:
Новости и СМИ