Адæмæн цæрæнуæттæ
900 адæймагæй фылдæр кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивдзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Сохъуырты Альберт. Йæ ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй 11 мин квадратон метры æдзæрæг бæстыхæйттæй фесафын кæндзысты. Уый фæдыл сæрмагонд программæмæ гæсгæ, радих кæндзысты 226 милуан æмæ 800 мин сомы. Уыимæ ма республикæйы бюджетæй дæр бахардз кæндзысты 53 милуан сомы, муниципалон бюджетæй та - 73 милуан сомы. Адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног фатертæм раивыны федералон программæ æххæст кæндзысты 5 районы. Уымæй уæлдай ма, ацы азы хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон рæттæ фæлындыны программæмæ гæсгæ федералон бюджетæй радих кæндзысты 142 милуан сомы, 12 милуаны та - республикæйæ. Уыцы æхцайы фæрæзтæ ацæудзысты 50 бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртытæ сцалсæг кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæмæн цæрæнуæттæ
Категория:
Новости и СМИ