Цæгат Ирыстоны райдыдта патриотон акци «Георгийы номыл лент»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Уæдмæ та уал Уæлахизы кадджын бонмæ, нæ республикæйы райдыдта патриотон акци «Георгийы номыл лент». Цæудзæн 25-æм апрелæй 9-æм маймæ. Нæ республикæйы ацы акци сарæзтой 11-æм хат. Георгийы лентытæ систы Уæлахизы нысан. Уый фæдыл Парти Иугонд Уæрæсейы регионалон хайады уæнгтæ сæ уарынц сабырдзинады фæзыл. Адæмæн сæ дæттынц лæвар. Уымæй уæлдай ма лентытæ уардзысты горæты фылдæр адæм кæм ис, ахæм бынæтты. Æлборты Нинæ: «Мах ацы акци саразæм æрвылаз. Ахæм мадзал мæнмæ гæсгæ ахсджиаг у. Ныртæккæйы фæсивæдæй бирæтæ, хъыгагæн зонгæ дæр нæ кæнынц Георгийы ленты нысан. Хъæбатырæй йæ райгуырæн бæстæйы сæррапонд йæ цаард чи ратта, уыдоны нæмттæ хъуамæ рох ма уой. Цæрджытæн тынг æхсызгон уыд лент райсын, уæлдай дæр кары адæмæн. Уайтагъд сæ иу сæ уæлæдарæсыл ныффидар кодтой. Дзæуджыхъæуы цæрджытæ Æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц бæрæгбонмæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны райдыдта патриотон акци «Георгийы номыл лент»

Категория:

Новости и СМИ