Дзæуджыхъæуы тæрккъæвда æмæ тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ иуварс кæнынц
Дзæуджыхъæуы тæрккъæвда æмæ тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ иуварс кæнынц
Дзæуджыхъæуы тæрккъæвда æмæ тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ иуварс кæнынц коммуналон службæтæ. Æрдздых фылдæр бахъыгдæрдта Ирыстойнаг район. Ватутины уынджы 17-æм «Б» хæдзары цур, 13-æм скъолайы районы æмæ Колыты Аксойы номыл скверы бæлæстæ афæлдæхтысты. Бынæтты кусынц куыстуат «Зеленстрой»-ы бригадæтæ. Цыбыр рæстæгмæ фæлдæхт бæлæстæ афаддзысты æмæ аласдзысты. Фæскъæвда горæты районты уавæр куыд у, уый специалисттæ бæрæг кæнынц дарддæр. Куыстуат «Владсток»-ы минæвæрттæ сарæзтой къӕвдадоны канализацийы басгæрст. Цалдæр ран дымгæ люкты сæртæ систа. Ныртæккæ боныхъæды фæстиуджытæ иуварсгæнæн куыстытæ сты сæ тæмæны.