Парк, хъуамæ парчы хуызæн уа
Мартъийы Дзæуджыхъæуы цæрджытæн сарæзтой æвзæрстытæ. Бар сын уыд, цавæр æхсæнадон бынат саив кæнын хъæуы, уый равзарынæн. Горæты цæрджытæн сæ фылдæры бафæндыд, цæмæй æппæты разæй базилой æмæ срæсугъд кæной Хетæгкаты Къостайы номыл парк. Ныридæгæн дзы куыстытæ райдыдтой. Фæлæ уый ныхмæ дзурджытæ дæр разынд. Зæгъæм, спортыл æнувыд чи у, уыдон мæстæй тонынц. Парчы теннисæй хъазынæн цы 2 фæзы уыд, уыдон цалцæггæнæн куыстыты рæстæг фехæлдтой. Сæ бæсты цы фæзындзæн æмæ цæрджыты зæрдæтæ цæмæй балхæндзысты, уый тыххæй нæ дарддры æрмæг. Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы рацарæхты æмæ аивгæнæн куыстытæ нырма æрæджы райдыдтой. Фæлæ ныридæгæн сæ къухы гыццыл нæ бафтыд. Ацы объект срæсугъд кæныныл цæрджытæ кæд сæхæдæг схъæлæс кодтой, уæддæр ацы хъуыддаг хорз кæмæ нæ кæсы, ахæмтæ дæр разынд. Цымæ сæ зæрдæмæ цы нæ фæцыд? Æвæццæгæн, æмæ парчы теннисæй хъазынæн цы дыууæ фæзы уыдис, уыдон кæй айстой уый. Раст зæгъгæ, куыстытæ куы райдыдтой, уæд сæ айстой. Сæ бæсты ам фæзындзысты цалдæр спортивон æмæ сывæллæтæн хъазæн фæзтæ. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй, уый бирæтæн хурхы стæг ныссæдзæгау сси. Уымæ гæсгæ батагъд кодтой нæ республикæйы сæргълæууæгмæ курдиат ныффысынмæ. Курынц дзы спортæй архайыны бар сын раттын, уæдæ тенисы фæзтæ та историон хæзнатыл нымайынц. Фæлæ историктæ æмæ парк саив кæныны проектыл цы специалисттæ кусынц, уыдонмæ ацы хъуыддагмæ æндæр цæстæнгас ис. Сæ хъуыдымæ гæсгæ тезгъо кæнын чи уарзы, уыдоны фæзтæ хъыгдарынц. Уыимæ зæрдæ æвæрынц, проектмæ гæсгæ парк цæхæртæ скалдзæн, цы уыдис уымæй 20 хатты хуыздæр суыдзæн. Архитектор Роман Семенченко: «Ацы ран бирæ асфальт ис. Уый бынтон раст нæу. Æркастытæстæм парчы 1911 азы пъланмæ. Уæды проектмæ гæсгæ дæр ацы ран уыд хуымæтæг къахвæндæгтæ, куыстой ма дзы цадтæ. Уымæ гæсгæ мах тезгъогæнджыты къахвæндæгтæм ивддзинæдтæ бахастам. Уый фæрцы нæм фæзындзысты фылдæр цъæх фæлыстæ æмæ къахвæндæгтæ». Пъланмæ гæсгæ ам фæзындзæн ног егъау улæфæн бынат, спортивон фæз, хъазæн дзы уыдзæн алыхуызон зæрдæмæдзæугæ спортивон хъæзтытæй. Уæдæ дзы сывæллæттæд дæр сæ бон уыдзнæн сæхи аирхæфсын, скæндзысты сын хъазæн фæз. Æппæт уыцы гæнæнтæй спайда кæнын алкæй бон дæр уыдзæн. Фистæгцæуджыты къахвæндæгтæ та уыдзысты ног хуызы конд. Архитекторты хъуыдымæ гæсгæ парк, хъуамæ парчы хуызæн уа. теннисæй хъазæн фæзтæ горæты иннæ кæрон дæр скæнæн ис. Архитектор Роман Семенченко: «Æнæмæнг хъæуы бацархайын ууыл, цæмæй теннисæй хъазæн фæзтæ нæ горæты уой, цæмæй ацы спорты хуыз чи уарзы, уыдонæн æнцондæр уа». Сæйраг парчы куыст бирæ. Уымæ гæсгæ сæ цалдæр дихы акодтой. Фæззæджы кæронмæ æххæстгонд æрцæудзысты. Проектмæ гæсгæ парк цæхæртæ скалдзæн, уæдæ йæ историон фæлгонц дæр нæ аивдзæн – сног æй кæндзысты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ дзы цæрджытæ сæ улæфæн рæстæг уæлдай æхсызгонæй æрвитындзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Парк, хъуамæ парчы хуызæн уа
Категория:
Новости и СМИ