Хъобаны газуадзæн хæтæлы арæзтад кæронмæ æрхæццæ
Хъобаны газуадзæн хæтæлы арæзтад кæронмæ æрхæццæ. Километры дæргъæн хæтæл ауагътой зæххы бын. Хъобаны ис 240 цæрæнхæдзары. Уый размæ æрдзон газæй ифтонг уыдысты, æрмæст хъæуы дæллаг фарс чи цæры, уыдон. Ныр уыцы фадат ис се `ппæт цæрджытæн дæр. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой августы. Объект раттынвæнд кодтой декабры кæронмæ, фæлæ Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ куыстытæ фесты раздæр. Газуадзæн хæтæл сарæзтой «Газпром газораспределение Владикавказ» инвестицион программæйы фæлгæты. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ газ бауадздзысты алы хæдзары цурмæ дæр. Мидæмæ та дарддæр уагъд цæудзæн цæрджыты курдиæттæм гæсгæ. Бадæттæн сæ ис Горæтгæрон районы бынæттон администрацимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv