Мæздæджы æфсæддон аэродромы рацарæзт кæронмæ фæуыдзæн 2020 азы
Хуссар Федералон зылды Кореновск æмæ Мæздæджы æфсæддон аэродромы рацарæзт кæронмæ фæуыдзæн 2020 азы кæронмæ. Уый тыххæй информацион агентад «Интерфакс»-æн фехъусын кодта Хуссар æфсæддон зылды 4-æм æфсады къамандыгæнæг Николай Гостев. Объектты 70% срæвдз уыдзысты ацы азы кæронмæ. 2020-æм азы кæронмæ та сæ баххæст кæндзысты кæронмæ. Ныртæккæ аэродромты сæйраг объекты арæзтад кæронмæ æрхæццæ ис. Хæдтæхджытæ фидаргонд фæткмæ гæсгæ тæхынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы æфсæддон аэродромы рацарæзт кæронмæ фæуыдзæн 2020 азы
Категория:
Новости и СМИ