Хуссар Ирыстоны карантины арвыстой 19 адæймаджы
Ахуырады регионалон разамындæттæг оргæнтæ хъуамæ 1-æм апърелы онг ногæй регистраци скæной иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайджыты. Ныхас цæуы æмгъуыдæй раздæр чи дæтты фæлварæнтæ, уыцы рауагъдонтыл. Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырад æмæ наукæмæ цæстдарды федералон службæйы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Музаты Анзор. Фарстайы фæдыл ныхас кодта ахуырады регионалон министртимæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн æмгъуыдæй раздæр чи дæтты, уыдон æй дæтдзысты сæйраг рæстæг. Æмбæлгæ курдиат бадæттын хъæудзæн паддзахадон къамисмæ. Алы регионы дæр бар ис равзарын кæм æмæ цы хуызы исдзысты курдиæттæ, уый. Æмгъуыдæй раздæр чи дæтты фæлварæн, уыдоны фылдæр хай сты раздæры азты рауагъдонтæ. Бар сын уыдзæн уæлæмхасæн бонты раттын. Ацы азы рауагъдонтæ та - сæйраг бонты. Цалдæр предметы иу бон дæтгæ куы рауайой, кæнæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ фæлварæны архайæджы бон куы нæ уа нысангонд бон раттын, уæд сæрмагонд къамис снысан кæны æндæр рæстæг. Ногæй регистраци скæныны тыххæй æмбæлгæ информаци фенæн уыдзæн ахуырады разамынды регионалон оргæнты сайтты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны карантины арвыстой 19 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ