Бæрнон цæстдард
Субсидитæ сын ратдзысты федералон программæмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодта арæзтадон æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег хицауады радон æмбырды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддагыл схардз кæндзысты 170 млн сомы. Æмбырды ма дзырдтой æндæр фарстатыл дæр. Цæгат Ирыстоны дарддæр архайдзысты йе`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæттæн ахуыр кæнынæн æмбæлгæ уавæртæ саразынæн. Уый тыххæй цалдæр рæвдауæндоны æмæ скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæтты сараздзысты хъæугæ техникон фæрæзтæ. Æмбырды ма хатдзæгтæ скодтой культурæйы кусджыты куыстæн дæр. Милдзыхты Русланы ныхæстæм гæсгæ, фарон нæ республикæ бирæ федералон программæты архайдта.Сæ фæрцы районты сарæзтой 4 ног культурæйы хæдзары, 6 та цалцæг скодтой. Ацы аз дæр арæзтадон куыстытæ дарддæр кæндзысты. Бындуронæй базилдзысты 5 бæстыхаймæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз разыйæ нæ баззад, кæцыдæр культурæйы хайæдты ацы къабазмæ бар чи нæ дары, ахæм специалисттæ кæй кусынц, уымæй. Бахæс кодта, хъуыддагмæ лæмбынæг æркæсын, цæмæй æппæт кусджытæ домæнтæн дзуапп дæттой, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæрнон цæстдард
Категория:
Новости и СМИ