Хостыхъоты Зинæйы мысæн бон
Поэттæ æмæ, дам, хæлæрттæ æнæнхъæлæджы ацæуынц. Абон Дзæуджыхъæуы национ наукон чиныгдоны арæзт æрцыд кадджын мадзал. Бæрæг кодтой фыццаг советон ирон поэтессæ Хостыхъоты Зинæйы райгуырды 80 азы бон. Зыдтой йæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма æндæр рæтты дæр. Уый арф фæд ныууагъта адæмы царды, стыр æвæрæн бахаста ирон литерæтурæйы райрæзтмæ. Йæ ном ссарынмæ библиотекæмæ æрбацыд бирæ адæм, й` аивадыл ын иузæрдион чи уыд, уыдон. Мысыдысты канд Зинæйы нæ, фæлæ ма йæ уацмыстæ дæр. Уазджытæй иуæй-иутæ бацæттæ кодтой Зинæйы фыст æмдзæвгæтæ. Иннæтæ та сæрмагондæй абонмæ ныффыстой æмдзæвгæтæ. Зинæйы уацмысты стыр бынат ахста уарзондзинады темæ хионмæ, адæммæ, фыдыбæстæмæ, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы `хсæн. Кæд йæхицæн йе сфæлдыстадон бынтæ `ххæстæй æрæмбырд кæнын йæ къухы нæ бафтыд, уæддæр й` амæлæты фæстæ йæ чингуытæ цалдæр хатты уагъд æрцыдысты. Гæнæн ис, æмæ тагъд рæстæджы Хостыхъоты Зинæйы уацмыстæ ногæй рацæуой æртæ æмбырдгондæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хостыхъоты Зинæйы мысæн бон
Категория:
Новости и СМИ