Ахæм хабæрттæ// 2022/ 17 февраля
Цæгат Ирыстоны фæндæгтыл фарон æрцыд 750 фæндаггон фыдбылызы. Уый, æндæразимæ абаргæйæ, у 3% фылдæр. Бæрæггæнæнтæ фехъусын кодтой фæндæгты æдасдзинады фæдыл арæзт къамисы æмбырды. ДЗæуджыхъæуы сцалцæг кæндзысты спортивон æмæ сывæллæтты фæзуæттæ. Æдæппæтæй 224 объекты. Куыстытæ ныридæгæн кæм цæуынц, æмæ тагъд рæстæджы кæм райдайдзысты уый радзурдзыстæм. Хæдзары сæр тæдзы, хъармгæнæнтæ нæ тавынц, электрон тыхы телтæ кусынц къуылымпытимæ. Бындурон цалцæджы бæсты Дур-дуры хуыздæр у ног рæвдауæндон саразын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv