Быроны бын
Дзæуджыхъæуы цæрджытæй бирæтæ сæ бырæттæ бырондонмæ хæццæ кæнынæй сæхи нæ тыхсын кæнынц. Сæ хæдзары зæронд дзаумæттæ, къоппытæ, цъæрттæ, хойрæгтæ æмæ æндæр хауæтдзæгтæ сæм фæндаджы цур уадзын хуыздæр кæсы. Бырæттæ æнæмбæлгæ рæтты чи æппары, уыдон æфхæрд цæудзысты. Уыимæ куыд хицæн адæймæгтæ, афтæ юридикон организацитæ дæр. Бафидын сæ хъæудзæн ивартæ. Фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, адæммæ афтæ кæсы æмæ уаг нæ халынц. Сæ фæстæ та сæ, æнæмæнг, хъуамæ быронласæн машинæтæ æрæмбырд кæной. Фæлæ сæ сæ зæрдæ фæсайдта. Ахæм уавæр нæ горæты стæм хатт не`мбæлы. Къоппытæ, бырæттимæ голджытæ æппæрст сты фæндаджы был. Цæмæдæр гæсгæ дуканиты хицæуттæм бырæттæ уым æвæрын раст кæсы. Æмæ сæ кæд бырæттæ ласæн машинæ иу цасдæр рæстæджы фæстæ аласы, уæддæр афтæ кæнын аив æмæ раст нæу. Ахæм цауты фæдыл нæ горæты администрацимæ дæр бирæ фарстатæ ис, фæлæ сын уагхалджытæ раттынц иу дзуапп: "Кæддæриддæр афтæ кодтам". Цы нæй кæнæн, уый бадзырды фыст вæййы, бырæттæ кæдæм хæссын хъæуы уый дæр. Хъыгагæн, уынгтæ куы басгæрстам, уæд раиртæстстæм бирæ уагхæлдтытæ, тох кæн\м семæ, алы хуызы кусæм уагхалджтимæ.Æмæбарын сын кæнæм. Ахæм рейдтæ нæ горæты администрацийы кусджытæ æрылбон саразынц. Алы бон дæр, райсомы 5 сахатыл. Мадзалы сæйраг нысан у уагхалджыты рабæрæг кæнын. Бырæтты фылдæр хай дуканитæй ракалынц. Бырæттæ æмбæлгæ рæттæм цæуыннæ хæссынц æмæ сæ фæндаджы был цæмæн сæмбырд кæнынц, уымæн сын бæлвырд дзуапп нæй. Рейды архайджытæ бырон куы фенынц, уæд æй камерæмæ сисынц. Фæстæдæр скæнынц сæ къамтæ арвитынц сæ дуканиты хицæуттæм æмæ сыл саразын протоколтæ. Закъонхалджыты та бахъæуы ивар фидын. Хицæн адæймæгтæ бафидынц 3 мин сæмæй - 5 мин сомы онг, дзуаппдæттæг кусджытæ - 10 мин сомæй 15 мин сомы онг, юридикон организациты та ива афидын бахъæудзæн 20 мин сомæй 50 мин сомы онг. Афтæ хъуамæ æппынæдзух дæр уа. Уый тыххæй та дуканиты хицæуттæ хъуамæ компанитимæ баныхас кæной. Уæд сæ бырон хъуамæ бырæттæ ласæн машинæтæм калой, кæнæ та хæстæгдæр цы бырондон ис, уырдæм. Префектурæйы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, 2018 азы 6 мæймæ районы санитарон уагхæлдтыты тыххæй сарæзтой æртæ сæдæ фæндзай протоколы. Алы рейды фæстæ та фылдæр уагхæлдтытæ рабæрæг кæнынц æмæ сæ бафхæрынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Быроны бын
Категория:
Новости и СМИ