Дзæуджыхъæуы нæлгоймаг йæхиуыл йæ къухтæ сисын хъавыдта
Абон 13 сахаты æмæ 30 минутыл Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады иумæйаг дежурон-диспетчерон службæмæ бадзырдтой æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ Карл Марксы номыл уынджы тæссаг у æвирхъау хабар æрцæуынæй. Нæлгоймаг йæхиуыл йæ къухтæ сисдзæн, зæгъгæ. Ирвæзынгæнджыты æрбацыдмæ, нæлгоймаг бадти 9 уæладзыгон хæдзары сæрыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæхиуыл йæ къухтæ сисынмæ хъавыд 21 аздзыд нæлгоймаг. У Сырх-Дыгуры цæрæг. Фервæзын æй кодтой Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ йемæ цы чызг ахуыр кæны, уый. Психологон куысты фæстæ нæлгоймаг йæ фæнд аивта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы нæлгоймаг йæхиуыл йæ къухтæ сисын хъавыдта
Категория:
Новости и СМИ